Зæрин хур йæ нывæнды фæлмæн
Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй
Арвы бын калы, фæрдыгау, тæмæн'
Ирыстон йæ адæмты фарнæй.
Заманты тарæй æрттивы, зынгау,
Дæ уидаг — нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн...
Барвæсс нæ куывдыл, Хуыцæутты Хуыцау!
Уастырджи, рафæлгæс, табу — Дæхицæн!
(БАЗАРД:)
Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс!
Амондæй абузæд, ронгау, дæ цард!
Амонд, мысайнагау, фидæнма хæсс!
Дæ кæстæр дын басгуыхæд кард æмæ уарт!
Фæлтæрæй-фæлтæрмæ фæцæуæд дæ фарн!
Рын æмæ сонæй дæ хизæд хъысмæт!
Хистæры намыс, кæстæры æхсар
Хурау дын царды цырагъдарæг уæнт!
(БАЗАРД:)
Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс!
Фарнимæ абузæд, ронгау, дæ цард!
Амонд, мысайнагæy адæмтæн хæсс!
Уастырджи, рафæлæс! Табу — Дæхицæн!