Ногæй хъусын ацы денджызы хъæлæс.
Чи дæн? Кæм и мæ зæрдæ? Зоны уый æрмæстдæр дон.
Сæдæ хатт мæхицæн сомы кодтон,
Фæлæ та хоны мæн денджыз, цыма дæн æз йæ уылæн.
Aлы зын фæндаг æмæ йæ фæзылд,
Нæуæг боны ‘скаст – сты мæнæй рæвдыд.
Æрвгæрон æргом хоны фенын цард,
Ныр фæцæуын дард.
Кæд уыныс уыцы ран, кæм арв донимæ баиу,
Уæд мемæ цом, нæ фæндаг ‘ргом!
Æмгæрон у бæллиц, фæлæ дард йæхи дары.
Æз базонон цы нхъæлмæ кæсы мæнмæ рагæй, уый фенон.
Зонын, алчи ацы бæстæ уарзы
Аргъ кæны… Æз дæн разы.
Алцы у, куыд хъумæ уа.
Зонын алчи ацы диссаг бæсты
Хъазы роль, чи – кæй фæстæ,
Æз дæр ‘ссарин кæд мæ кад…
Суыдзынæн хицау, нæу мын ‘ппындæр тас,
Цард уыдзæн хуыздæр алкæцы ног аз,
Фæлæ хъусын æз заæрдæйы хъæлæс,
Ныр цы кодтон æз?
Акæс дард æмæ фен, ‘рттивынц уым уылæнтæ,
Ныр мемæ цом, нæ фæндаг ‘ргом!
Æмæ зонын йæ сусæгтæ мын раргом кæндзæн тагъд.
Хъусын мæ ном…
Фыццаг къахдзæф – мæн, уымæй аккаг дæн!
Акæс дард, æмæ фен уым арв донимæ баиу,
Ныр мемæ цом, нæ фæндаг ‘ргом!
Æмгæрон у бæллиц, фæлæ дард йæхи дары,
‘Ссардзынæн мæ ном,
Цом мемæ, цом!